Аристакес Себастаци
Аристакес Себастаци | |
---|---|
Райгуырды датæ | бæрæг нæу[1] |
Мæлæты датæ | бæрæг нæу[1] |
Зонады къабаз | фыссæг |
Зонадон разамонæг | Геворг Ерзнкаци |
Аристакес Себастаци (сом. Արիստակես Սեբաստացի) — сомихаг фыссæг æмæ къухфыстыты рафыссæг XIV—XV-æм æнусты. Литературæйы йæ кæддæрты фæхонынц Рстакес дæр (сом. Ռըստակես)[2].
Ахуырад райста Ерзнкайы, Аваг Ванчы моладзандон скъолайы, зындгонд вардапет Геворг Ерзнкацийы къухдариуæггаджы бын. Уым аддарддæр кодта йæ аивадон архайад дæр. Зынгонд сси цы къухфыстытæ-иу рафыста, уыдоны руаджы. 1412-æм азы йæ йе ’мбал æмæ йæ ’мкълассон Ованес Ерзнкаци фæхуыдта æмæ Аристакес рацыд Татевмæ, фæстæдæр та Хермонмæ, стæй та уырдыгæй Егварды моладзандонмæ[3].
Куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]Аристакес цы къухфыстытæ рафыста, уыдонæй абоны онг бахæццæ:
- «Евангели» (1383)
- «Хазгирк» (музыкалон-педагогон чиныг, 1405)
- «Хазгирк» (музыкалон-педагогон чиныг, 1408)
- «Жамагирк» (аргъуаны чиныг, 1409)
- «Златочрев» Григор Татевацийы (1412)
- «Истолкование» Ованес Воротнецийы (1412)
Аристакес йæхæдæг дæр фыста уацмыстæ. Ныры онг дзы æрмæст стæмтæ бахæццæ, се ’хсæн — «Уынаффæтæ ахуыр адæмæн» (сом. «Խրատ ուսումնականաց անձանց»), уыцы уац автор бафтыдта йæ «Златочревы» редакцимæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. Խուդավերդյան — Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
- ↑ Энциклопедия «Кто есть кто. Армяне», Արիստակես Սեբաստացի, Ереван, 2005
- ↑ Армянская Советская Энциклопедия. Ереван, 1976, стр 62